Евгений Вахтанговы номыл академион Уырыссаг театры сӕхи цӕттӕ кӕнынц ирд премьерӕмӕ
Ӕхсин ӕмӕ йӕ камеристкӕ Сюзаннӕ ӕрхъуыды кодтой хинӕйдзаг пълан, цӕмӕй мæнгард цардӕмбалы хъуыддæгтæ раргом кӕной. Граф Альмавивæ йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд базыдта ӕви нӕ? Сюжет дзаг у сусӕгдзинӕдтӕй. Францаг драматург Пьер Бомаршейы комеди "Фигаройы ускуырд" дыууӕ ӕнус ӕмӕ 'рдӕджы фӕстӕ дӕр актуалон у. Декорацитӕ ӕмӕ дарæс театрдзауы ахӕссынц ивгъуыдмӕ, XVIII ӕнусмӕ. Æхсайгæзæрдæ, фӕлӕ барджын ӕмкъайы ролы — Уӕрӕсейы сгуыхт артисткӕ Наталья Серегина. Сценӕйыл — классикон комеди, фӕлӕ уарзт, сӕрибар ӕмӕ рӕстдзинадыл. Скъолайæ фæстæмæ у йæ мидис зонгæ. Цардӕй ӕрмӕстдӕр иунӕг бон æвдисы, фæлæ алыхуызон цаутæй хъæздыг у. Æрыгон Фигаро цӕттӕ нӕу йӕ уарзоны раттынмæ. Фӕлӕ Граф Альмавивæйы бон нӕу рӕсугъд чызг Сюзаннæйы рӕзты ацӕуын. Уӕвгӕ сылгоймаджы кӕлӕнты раз лæмæгъ у. Еленӕ Бурковайӕн ацы сезон театры фыццаг у. Ӕрыгон артисткӕ сӕххӕст кӕндзӕн фрейлинӕ Джорджинæйы роль. Ӕхсины цур у сабыр ӕмӕ хиуылхӕцгӕ, фæлæ зæрдæйы уарзондзинад ссудзы, куыддӕр граф йӕ цуры февзӕры, афтӕ. Хъайтары зондахаст ӕмӕ зӕрдӕйы уаг ивынц алы уысм дæр ӕмӕ сæ театрдзаутӕн равдисын ӕнцон нӕу. Уымӕ гӕсгӕ премьерӕйы размӕ Еленæ чысыл тыхсы. Стыр премьерӕмӕ сӕхи цӕттӕ кӕнынц разӕнгардӕй. Коллектив ӕнкъары бӕрнондзинад. Ӕрвылбоны репетицитӕ, хъусдард суанг хӕрз чысыл лыстæгдзинæдтæм дӕр. Алцӕмӕй хъуамӕ ӕххӕст уа равдыст. Ныр дыккаг спектакль ӕвӕры Калугӕйы облӕсты театры сӕйраг режиссер Роберт Манукян Ирыстоны сценӕйыл. Сценӕ ӕппӕт ахорӕнтӕй фæлыст нæма у. Фӕлӕ репетицийы дӕр артисттӕй цӕст атонын нӕ комы. Дарæс ӕмӕ декорацитӕ цӕттӕ кодтой цалдӕр мӕйы, уæдæ музыкалон уацмыстӕ ӕмӕ ӕмдзӕвгӕтӕ дӕр афтæ. Санкт-Петербургӕй композитор Игорь Щербаков сæ ныффыста сӕрмагондӕй Уырыссаг театрӕн. Спектакль "Фигаройы ускуырд"-ы премьерӕ уыдзӕн 28-æм ӕмӕ 29-æм мартъийы. Театрдзаутæ ногæй фендзысты, ацы бонты актуалон чи у, ахӕм хабар, актерты хъазтӕй æхцондзинад райсдзысты, XVIII-æм ӕнусы уддзæф банкъардзысты.